Филлип Рикер – Гуырдзыстонæн АИШ-æй хъæддых æмæ тыхджындæр партнер нæй
Гуырдзыстонæн АИШ-æй хъæддыхдæр, тыхджындæр партнер, уый дары йæ хъуыдыйы Америкæйы æрдгæй Гуырдзыстоны демократийы, йæ территорион æнæхъæндзинады, суверенитеты хъахъъæды æмæ фарсхæцын ацы хъуыддаджы – уый фæдыл Европæ æмæ Евразийы фарстæты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæгы хæстæ æххæстгæнæг, Филлип Рикер брифингыл райхъусын кодта.
Филлип Рикер куыд банысан кодта афтæмæй, АИШ нæ ныхъхъус уыдзæн æмæ хъæрæй дзурдзæн Уæрæсейы архæйдтытыл кæддæриддæр.
«Зондзыстут æй Джо Байден президенты рангы фыццаг хатт сыххæст кæндзæн визит АИШ-ы фæсарæнтæм план кæны Стыр Авды бæстæти лидертимæ фембæлд. Йæ фыццаг визит уыдзæн Иугонд паддзахады. Стæй НАТО-йы саммит Брнюсселы, уый фæстæ та араст уыдзæн Женевæмæ, цы ран уыдзæн фембæлдтæ. Президент тынг æргомæй æмæ дырысæй райхъусын кодта, цæмæй мах Уæрæсеимæ стабилон æмæ прогноз саразын гæнæн цæмæн ис ахæм ахастытæ агурæг стæм. Фæлæ нæ ныллæудзыстæм æмæ нæ ныхъхъус уыдзыстæм, кæддæриддæр хъæрæй ныхас кæндзыстæм Уæрæсейы архæйдтытыл. Сæ нымæцы цæй зæгъын æй хъæуы Гуырдзыстоны территориты 20% оккупаци æмæ куыд банысан кодтон афтæмæй, Урс Хæдзары æрвитæггаг у – мах стæм Гуырдзыстонæн тынг хъæддых партнер йæ фæндагыл евроатлантикон интеграийы æрдæм. Гуырдзыстонæн АИШ-æй хъæддых æмæ тыхджындæр партнер нæй, уый та нысан кæны Америкæйы æрдгæй Гуырдзыстоны демократийы, йæ территорион æнæхъæндзинады, суверенитеты хъахъъхæд æмæ æххуыс ацы хъуыддаджы» – райхъусын кодта Филлип Рикер.