Фидæн къуырийæ æппæтадæмон æнæнизхъахъхъæды программæйы фæлгæтты, планон операциты финансдзинад сног уыдзæнис
Фыццаг мартæй æппæтон æнæнизхъахъхъæды программæйы фæлгæтты, планон операциты финансдзинад сног уыдзæнис. Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодтой æнæнизхъахъхъæды министрады.
Бакой уын кæндзыстæм, ивгъуыд азы ноябры, бæстæйы коронавирусы ахæлиуы тыххæй, «æппæтадæмон æнæнизхъахъхъæды паддзахадон программæйæ» бæрæг планон хирургион лæггадыл гарантион гæххæтты алæвæрд 2021 азы марты онг фæурæдтой.