Фермерты протесты тыххæй, Украинайы æмæ Польшæйы арæныл æхсæздæр ауадзæн пункт ауæзласæн хæдтулгæтæн блокиргонд у
Украина æмæ Пльшæйы арæныл æхсæздæр ауадзæн пункт уæзласæн хæдтулгæтæн блокиргонд у. Медиайы хъусинагæй, уый фæдыл Украинайы паддзахадон арæны куыст хъусын кæны.
Киевы хъусын кæнынц, цæмæй уæзласæнты змæлд польшайаг фермертæ æрыхгæдтой. Уый фæдыл арæныл урæд у 2,4 мин уæзласæн хæдтулгæ.
Уыимæ иумæ Украинайы арæнон куысты дзурынц, цæмæй акцийы хайдисæг фермертæ рог хæдтулгæты æмæ автобусты арæныл ахизын нæ тобæ кæнынц.
Бæрæгдзырдæн фермерты акцитæ Польшæйы нырид цалдæр бон у дарддæр кæнынц. Демонстрациты хайадисыджытæ æхгæнынц автомагистралты æмæ арæйнон ауадзæн пунктты. Активисттæ Украинайæн хъæууон-хæдзарадон продукцийы æнарæн экспорты ныхмæ цæуынц, афтæма курынц Евроцæдисы æрдзхъахъхъæнынадон регуляцитæ фæрогдæр кæнын.