Фембæлдыл Талиашвили Тамар æмæ конгрессмен Абрахам Хамаде дыууæфарсон æмкуыстдзинады рæзынады æмæ ахастыты фæтыхджындæр кæныны нысаниуæгдзинадыл фæныхас кодтой
АИШ-ы Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Тамар Талиашвили фембæлд сарæзта АИШ-ы конгрессмен Абрахам Хамадеимæ (Р), кæцы Аризонайы штаты минæвар у. Уый фæдыл информаци Талиашвили социалон хызагы апарахат кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фембæлдыл ныхас цыд гуырдзиаг-америкаг æммахастытæ æмæ уæвæг динамикæйыл.
«Конгрессмен Хамаде АИШ-ы минæвæртты палатæйы гарзджын тыхты æмæ ветеранты хъуыддæгты комитеты уæнг у, Конгрессмæ æвзæрст æрцæуыны размæ Аризонайы штаты прокурорæй куыста;конгрессмен Хамаде контртеррористон æдасдзинады кусæг дæр у.
Фембæлды рæстæджы фарсытæ гуырдзиаг-америкаг ахастытыл æмæ уæвæг динамикæйыл фæныхас кодтой. Ныхасы ма бандæвтой регионы æмæ дунеон æмвæзады актуалон фарстатæ. Уыимæ иумæ бахахх кодтой суверенитет хъахъхъæныны æмæ фидауынгæнæг политикæйы нысаниуæг.
Фембæлдыл бахахх кодтой Гуырдзыстоны уникалон географион бынат, потенциал æмæ роль Астæуккаг къæлидоры размæцыды. Банысан ис иумæйаг интерестыл бындурæвæрд дыууæфарсон æмкуыстдзинад рæзын кæныны æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн æмахастыты фæтыхджындæр кæныны нысаниуæгдзинад», -ис фыст информацийы.