Федерика Моггерини – Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æмгуыстад у  æнтысты истори
Федерика Моггерини – Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æмгуыстад у æнтысты истори

Гуырдзыстон æм Евроцæдисы  æмкуысткæнынад  у  æнтысты  истори  –  ацы  фидиуæн, Евроцæдисы æддагполитикъон  уагдоны къухдариуæггæнæг   Федерика Моггерини  Люксембургы,  Евроцæдисы  фæсарæн хъуыддæгты министериалы  размæ сарызта.

Моггеринийы   дзырдæй,   зæгъгæ Евроцæдисы  уæнг паддзахадты фæсарæн хъуыддæгты мнистртæ   абоны  фембæлдыл,  «Скæсæн Партнерады»  уæнг паддзахадтимæ æмгуыстады  фæдыл фæныхас кæндзысты æмæ   ацы  программæйы  10 азы юбилей сæ  цæттæдзинад афæлгæсдзысты.

«Гуырдзыстонимæ  нын æмбисонды   партнерад æмæ æмгуыстад  ис.   Уый тыххæй ныхасы  фадат нын уыд Люксембургы, цы ран Гуырдзыстоны  хицауады  уæнгтимæ фембæлдыстæм. Гуырдзыстон æмæ евроцæдисы  партнерад  æцæгæй дæр   æнтысты  историй у, кæцы фидæны дæр адарддæр уыдзæн», –  райхъусын кодта Евроцæдисы æддæ политикъон  уагдоны  къухдариуæггæнæг.