Фаррелл Уильямс Дональд Трампæй домы цæмæй йæ сфæлдыстадæй политикон нысæнттæн мауал спайда кæна

19:33, 30.10.2018

Номдзыд  америкаг   зарæггæнæг  æмæ продюссер Фаррелл Уильямс  домы, йæ сфæлдыстадæй  Дональд Трамп   политикон  нысæнттæн  мауал  спайда кæна.

The Hollywood Reporter-ы  хъусинагæй, хъуыддаг æххæссы  зарæгмæ  Happy (Хэпи-амондджын)  кæцы  27  октябры АИШ-ы   президенты фембæлдыл   айзæлдис, Питсбургы  синагогамæ  бырстæй  цалдæр сахар фæстæ.

Питсбургы  синагогамæ  бырсты  рæстæджы  фæмард  11  адæймаг.

Уый фыццаг цау  нæу,   зарæггæнджытæ  Трампæн сæ  зарджытæй  пайда кæнын  куы  фæтобæ  кодтой. Ныры онг   ахæм æркуырдæй  Америкæйы иугонд штатты  президентмæ  æрсидтысты, Aerosmith-ы  æмæ  Принцы  минæвæрттæ.

Хуыздæр