Фараст æхсæнадон организаци  Гуырдзыстоны хицауады æрдгæй Евроцæдисы 12  домæны  сыххæст уавæрæн  аргъ кæны
Фараст æхсæнадон организаци Гуырдзыстоны хицауады æрдгæй Евроцæдисы 12 домæны сыххæст уавæрæн аргъ кæны

Фараст  æхсæнадон  организацийæ  аргъ кæнынц  Гуырдзыстоны хицауады  Евроцæдисы  12 домæны  сыххæсты  уавæрæн.

«Гом Æхснады Фонды»  ахæлиугонд  информацийы куыд дзырдæуы  афтæмæй,   æрцæттæ ис  радæй  фæндзæм   аргълæвæрды документ – статусметр, кæцы 2023  азы 20  июнæй  фыццаг августы онг периоды   уæвæг  уавæр æвдисы. Уыимæ  документы дзырдæуы  уыцы  къахдзæфты фæдыл,к æцы  хицауад хъуамæ сараза  уый тыххæй  цæмæй Гуырдзыстон  кандидаты статус  райса.

Æхсæнадон организациты минæвæртты  аргълæвæрдæй,  лæвæрд периоды, кæронмæ сыххæст ис  иу  домæн, фылдæр хайæ дыууæ  рекомендаци, хайгай  æххæст сты  авд домæны  æмæ нырма  сыххæст кæнын  хъæуы  Евроцæдисы  дыууæ  домæн (деолигархизаци æмæ   деполяризаци).

«Фактонæй  дыууæ  мæйы  ма баззад  цæмæй   хицауад ацы  историон  фадатæй спадйда кæна  æмæ Еврокомиссийы  бæрæг алы домæн   сыххæст кæна.   Æхсæнадон организацитæ адарддæр кæндзысты   хицауады æрдгæй 12  домæны  сыххæсты прогресс  аргълæвæрды æмæ ацы  аргълæвæрды  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн  зонгæ кæнын, уымæн æмæ Евроцæдисы уæнгсуæвын растдæр гуырдзиаг адæмы æнæцудгæ  æвзæрст у» – дзырдæуы  ахæлиугонд информацийы.