Фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалия АИШ-ы базарадон департаменты фембæлд сарæзта
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг, Лаша Дарсалия АИШ-ы базарады департаменты Вашингтонмæ кусæгон визиты фæлгæтты фембæлд сарæзта.
Сæрмагондæй, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, Дарсалия Лаша базарады æмæ инвестициты фарстаты министрады хæдивæг Уильям Кимитимæ æмæ индустрийы æмæ æдасдзинады фарстаты министрады хæдивæгимæ, Джеффри Кесслеримæ фембæлд сарæзта.
«Фембæлдыл афтæ дæр хайад иста АИШ-ы Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Тамар Талиашвили.Фарсытæ æруынаффæ кодтой Гуырдзыстон-АИШ-ы партнерады размæцыдыл транспорт æмæ логистикæйы, регионалон базарады, нымæцон технологиты, искусственон интеллекты æмæ инновациты æрдгæй.Ныхас баххæсыд цæугæ проекттыл æмæ дарддæры æмкуыстдзинады перспективæтыл. Хъусдард æрцыд здæхт Гуырдзыстоны ролыл астæуккаг къæлидоры размæцыдæн Ацы контексты фарсытæ æруынаффæ кодтой америкаг инвестициты реализацийы цæттæдзинадыл бæрзондтехнологон секторы», -ис фыст æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.