Фæсарæйнаг медийы  хъусинагæй, цæугæ мæйы райдайæны, Киевы бадзырдты фæстæ, Роман Абрамовичы æмæ украинаг  делегацийы цалдæр уæнгæн фæбæрг сты  гæнæн фæхъæстæйы симптомтæ
Фæсарæйнаг медийы хъусинагæй, цæугæ мæйы райдайæны, Киевы бадзырдты фæстæ, Роман Абрамовичы æмæ украинаг делегацийы цалдæр уæнгæн фæбæрг сты гæнæн фæхъæстæйы симптомтæ

Цæугæ мæйы райдайæны Киевы бадзырдты фæстæ  Роман Абрамовичы æмæ Украинаг делегацийы  цалдæр  уæнгæн, гæнæн фæмаргджын кæныны симптомтæ  рабæрæг ис.   Æмбæлгæ информаци хъусын кæны рауагъдад «Уол Стрит Джорнал».

Уыйимæ ма  «ВВС» фыссы,  цæмæй  Роман Абрамовичы пресс-спикер  сбæлвырд кодта,ц æмæй уырыссаг олигархы  мæйы райдайæны æнхъæлцау  фæмаргджын кодтой.

Уыйимæ  Абрамовичы  минæвар нæ  конкрет кæны, цæмæй чи уыдис ноджы иу  нысан  æмæ цы уыд  фæмаргджын кæныны равзæрæн.

Рауагъдад «Уол Стрит Джорнал»  куы фыссы афтæмæй,  цæугæ азы райдайæны, Киевы, бадзырдты хаадисæг  æртæ адæймагæн – Абрамовичæн æмæ  украинаг делегацийы  дыууæ уæнгæн, ныссырх сты цæстытæ, цæстыты дон цыд,  къухты æмæ цæсгомы цармы стыхст  фæбæрæг ис.

Абрамовичы минæвæрттæ  дзурынц, цæмæй  уый ныр йæхи  дзæбæх  хаты  æмæ  адарддæр кæндзæн   бадзырдтæ  Украинайы  минæвæрттимæ, хæст кæрон скæнынæн.

«ВВС»-ы  хъусинагæй,  Абрамовичмæ хæстæг уæнгтæ  хъусын кæнынц, цæмæй  уый  зæгъгæ бадзырдтæм  баиу ис,  æххуыс  æй  куы ракуырдтой уый фæстæ.

Уыимæ  бадзырдты  йæхæдæг украинаг дегеацийы уæнгтæ  фæмаргджын кæныны  факт  не сбæлвырд кодтой. Рустев Умеров кæцы нымад цæуы иуæй-иу  зианбазарæгыл, социалон хызаг «Фейсбукы»   дзыллæмæ æрсидтис, ма  баууæндой  æнæбæлвырд информацийыл.

«Æз мæхи дзæбæх хатын. Уый у мæ дзуапп  алы ахæлиугонд  бур уацыл.  Ма баууæндут  æнæбæлвырлд информацийыл. Афтæдæр ма  цæуы  информацион  хæст» –  фыссы  Умеров.