Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Германийы минæварæн бамбарын кодта, цæмæй Венæйы конвенцимæ гæсгæ дипломатон уæнгæн хæсджын у, йæхи  ма  фæтъысса фысым паддзахады мидхъуыддæгты
Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Германийы минæварæн бамбарын кодта, цæмæй Венæйы конвенцимæ гæсгæ дипломатон уæнгæн хæсджын у, йæхи ма фæтъысса фысым паддзахады мидхъуыддæгты

Германийы минæварæн бамбарын кодтой, цæмæй Венæйы конвенцимæ гæсгæ, дипломативон миссийы уæнгæн ис хæс, цæмæй фысым паддзахады мидхъуыддæгты ма бахъыгдара – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министрады расидæны ис фыст.

Минитсрады информацимæ гæсгæ, рабадтыл банысан ис, цæмæй гуырдзиаг фарс тыхстгонд у бæстæйы радикалон боны фæткы парахат кæныны фæлварæнтæй.

«24-æм сентябры Фæсарæн хъуыддæгты министрады, фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Гиорги Зурабашвили фембæлд Германийы Федералон Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Питер Фишеримæ.

Минæварæн фембæлдыл бамбарын кодтой, цæмæй дипломатон ахастыты фæдыл 1961 азы Венæйы конвенцийы 41-æм статьяйы 1-æм пунктмæ гæсгæ, дипломатон миссийы уæнг хæсджын у райсæг паддзахады закъæттæ æмæ уагæвæрдтæн кад кæнын, æмæ йын ис хæс, цæмæй ма хъыгдара фысым паддзахады мидхъуыддæгты.

Фембæлдыл банысан ис, цæмæй гуырдзиаг фарс тыхстгонд у бæстæйы радикалон боны фæтк парахат кæныны бафæлвæрдтæй, кæцы йæхи æрдгæй демократийы принциптæн ныхмæлæууæг у æмæ æхсæнады поляризацийæн ахъаз кæны. Афтæ дæр тыхстдзинад æвзæрын кæны бæстæйы цæугæ тæрхондоны процессты политизацийы фæлварæнтæ æмæ ацы процессы минæвæртты хайадист.

Гуырдзиаг фарс цымыдисдзинад расидтис Германийы минæварады æрдыгæй æнæуынондзинады ныхæстæ æвзæрын кæныны æмæ дезинформацийы парахат кæныны фæдыл тыхстдзинады бындуртæм. Банысангонд æрцыд, цæмæй минæварадæй официалон æгъдауæй бахатыд ацы тыхстдзинæдтæн конкретон æрбæстон кæнын, кæцы нырма арæзт нæма æрцыд, æмæ уымæ гæсгæ гуырдзиаг фарс ахæм аххосæгтæ нымайы хицауады ныхмæ æнæбындур бабырсты ноджы иу бафæлвæрдыл.

Гуырдзыстоны хицауад, йæ ныхмæ арæзт нысанмæздæхт кампанитæм æнæкæсгæйæ, стыр нысаниуæг дæтты æмæ къæрцхъус у ахастытæн æмæ нымайы, цæмæй ахæм архайдтытæ зиан хæссынц дыууæ бæстæйы æхсæн азты дæргъы сырæзт партнерон ахастытæн. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ныфс дары, цæмæй фидæны дипломатон минæвæртты архайд бындуриуæг кæндзæн бæстæты æхсæн æмгуыстады принциптыл, кæцытæ бындуриуæг кæнынц кæрæдзийæн кад кæныныл», -ис фыст Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæны.