Фæндæгты департаменты  хъусын кæнынц, цæмæй Къоби-Гудаурийы  фадыгыл  рог  автомобильтыл  арæнвæрд  гæнæн ис   абон  аивой
Фæндæгты департаменты хъусын кæнынц, цæмæй Къоби-Гудаурийы фадыгыл рог автомобильтыл арæнвæрд гæнæн ис абон аивой

Специалистты  рдгæй  барлæвæрды  цауы,  гæнæн  ис Къоби-Гудаурийы  фадыгыл  рог автотранспортон фæрæзтыл змæлдыл арæнæвæрдтæ  абон  аивой –  уый фæдыл журналисттæн  фехъусын кодта  автомобилон фæндæгты  департаменты  сæрдар  Гиорги Цъеретели.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы  этапыл  фæндаджы бæрæг хай сыгъдæг кæнынц.

«Ацы  этапыл  цæуы  93-аг  -106-æм  километры онг  фадыгы  ныссыгъдæггæнæн мадзæлттæ.  Специалисттæ  цæст ахæсдзысты  уыцы фадгуытыл  цы ран ис  зæйы рацыды  тас.  Уый фæстæ  адарддæр кæндзыстæм  куыстытæ æмæ   бацархайдзыстæм , автотранспорты змæлд   сног кæнын.   Кæд специалисттæ  уый бар раттой, уæд  гæнæн ис   рог автотранспортон фæрæзтыл уагæвæрд арæнвæрдтæ  абон фæмацы кæнæм» – райхъусын  кодта  Гиорги Цъеретели.

ИНформацийы  ахæлиу кодта  æрдзы националон  агентад дæр,  цы ран  хъусын кæнынц, цæмйæ зæгъгæ  Гудаури-Къобийы  фадыгыл  ссыгъдæггæнæн  куыстыты ауадзын нæридæгæн гæнæн ис.