«Евростаты» бæрæггæнæнтæй, Евроцæдисы, Гуырдзыстонæй зхиæмбæхсæн агурджыты нымæц фæкъаддæр ис
Гуырдзыстонæй Евроцæдисы хиæмбæхсæн агурджыты нымæц 2024 азы фыццаг æрдæджы раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ бирæ фæкъаддæр ис. Æмбæлгæ бæрæггæгæнтæ «Евростаты» официалон веб-фарсыл сты публикацигонд.
Статистикон бæрæггæнæнтæ æвдисынц, цææмй Гуырдзыстонæй хиæмбæхсæн агурджыты нымæц фæкъаддæр ис Евроцæдисы зæгъæн ис алы бæстæйы. Фæнысангонд бæрæггæнæн нысаниуæгджынæй фæкъаддæр ис Германийы, цы ран хиæмбæхсæн агурджыты нымæц Гуырдзыстонæй сеппæтæй бæрзонддæр уыдис.
«Евростаты» бæрæггæнæнтæй, 2024 азы фыццаг æрдæжы Германийы лигъдоны статус Гуырдзыстоны 1 395 æм бæстаг æркуырдта. 2023 азы фыццаг æрдæджы ацы нымæц 5 155 уыд. Гуырдзыстонæй хиæмбæхсæн агурджыты нымæц фæкъаддæр ис ахæм ставд бæстæты, цахæмдæр сты Франц, Испани, Итали, Бердзен.