Евросоветы парламентон ассамблеайы Уæрæсейы æрыздæхтæн Гуырдзыстон йæ фарсыл нæ рахæцыд
Евросоветы парламентон ассамблеайы Уæрæсейы æрыздæхтæн Гуырдзыстон йæ фарсыл нæ рахæцыд

Евросоветы парламентон ассамблеайы Уæрæсейы æрыздæхтæн Гуырдзыстон йæ фарсыл нæ рахæцыд

Евросоветы парламентон ассамблеайамæ Уæрæсейы æрыздæхтæн Гуырдзыстоны делегаци йæ фарсыл нæ рахæцыд.

Гуырдзыстоны æмæ Украинайы делегаттæ раттой хъæлæс резолюцийы ныхмæ, кæцы йæ зæрдыл дары Евросоветы парламентон ассамблейамæ  Уæрæсейы æрыздæхт.

Евросоветы парламентон ассамблея йæ фарсыл рахæцыд резолюцийæн, кæцы Уæрæсейы делегацийы æрыздæхт датты фадат.

Уæрæсейы делегаци ныццыд Страсбургмæ, цæмæй парламентон ассамблеайы июны сессийы райсой хайад.

Документæн йæ фарсыл рахæцыдысты 118 уæнг, 62 йæ ныхмæ æмæ 10 нæ райста халæппæрсты хайад.

Æхсæв æрæгмæ, фарастсахатон дебатты æмæ бакасты фæстæ, Евросоветы парламентон ассамблея сбæлвырд кодта резолюци, кæцымæ гæсгæ Уæрæсейы делегаци организацимæ æрыздæхты фадат уыд лæвæрд.

Резолюцийы текстмæ гæсгæ, ассамблеайы æмæ йæ органты уæнгты хъæлæсы лæвæрд, ныхас æмæ бæрнонады бартæ ма хъуамæ æрцæуой урæд. Документ «Евросоветы парламентон ассамблеайы барты æмæ хъæлæс лæвæрды фæдыл æскъуыддзаг райсты процессы фæтыхджын кæнын». Документы автор регламенты комитеты къухдариуæг, бельгийаг социалист депутат Петра де Сутер у.

Резолюцийæн йæ фарслыд рахæцыдысты – Франц, Итали, Австри, Азербайджан, Кипр, Испани, Исланди, Ирланди, Норвеги, Португали, Серби, Сан Марино æмæ Туркы делегаттæ.

Документы ныхмæ рацыдысты Гуырдзыстон, Украинæ, Польшæ, Лиетувæ, Латви, Стыр Британи, Швеци æмæ Эстонийы делегацитæ.