Евросовет – Гуырдызстоны куысты эксплуатацийы цауты нымæц сырæзт
Уый фæдыл Еврсооветы абон рапарахатгонд хаццæгы ис фыст. Иртасты авторты ныхасмæ гæсгæ, фæстаг азты кустон эксплуатацийы нымæц сырæзт, сексуалон эксплуатацийы нысанæй трефикингы цаутæй фæфылдæр. Аналгион уавæр Бельгийы, Кипры, Потугали, Серби æмæ Стыр Бртанийы ис.
Хаццæгы ис фыст, цæмæй куыстон эксплуатацийы цауты нымæц Европайы алы бæстæты фæфылдæр.
«Нæ мониторинг бавдыста, цæмæй Европайы фæфылдæр адæймæгты нымæц, кæцытæ сты кустон эксплуатацийы амæттаг» – сидынц хаццæгы автортæ.
Иртастмæ гæсгæ, алкæмæй арæх куыстон эксплуатацийы амæттаг нæлгоймæгтæ сты, кæцытæ хъæууон хæдзарадон, туристон æмæ кæсаг ахты сфераты кусынц. Сылгоймаг амæттагы фылдæры хай сæрмагонд хæдзæртты кусчнц.
Хаццæгы ис фыст, цæмæй рискъы къорды сты мигранттæ, кæцытæ куыст интернетæй кæнæ социалон хаза æххуысæй агуырнынц.