Евросовет Гуырдызстонæн финансон æххуысы хуызæй 150 милуан евройы рахицæнæн рахæцыд йæ фарсыл
Евросовет Гуырдызстонæн финансон æххуысы хуызæй 150 милуан евройы рахицæнæн рахæцыд йæ фарсыл
Уый фæдыл информаци официалон веб-фарсыл рапарахат ис.
Информацимæ гæсгæ, æртæ миллиарды евройы бæрц макро-финансон æххуыс æнæхъæнæй уыд лæвæрд Евроцæдисæй сыхагон политикайы хайадистæй 10 бæстæйæн.
Финансон æххуысы нысан у, цæмæй бæстæтæ «Ковид-19» проблемæтæ æрбиноныг кæной æмæ бæстæты макроэкономикон уавæры фæтыхджынæн.
Æскъуыддзаг Евроцдисы парламент æмæ совет хъуамæ сбæлвырд кæной. Финансон æххуысы инициатор Еврокомис уыд. Инициативамæ гæсгæ Албанийæн 180 милуан, Босниа-Герцоговина -250, Иорданийæн – 200, Косовайæн 100, Молдовайæн 100, Монтенегро – 60, Цæгат Македони – 160, Тунис – 600, Украинæ 1.2 миллиард евро.