Европарламенты вице-президент Отмар Карас – Гуырдзыстоны фидæн ис Евроцæдисы

16:26, 18.09.2023

Зонын цас   нысаниуæгджын у  европаг  перспективæ  бирæ адæймагæн Гуырдзыстоны,  Гуырдзыстоны  фидæн ис  Евроцæдисы, уый фæдыл  европарламенты вице-президент, Отмар  Карас   Мадриды  райхъусын кодта,  цы ран  Евроцæдисы уæнг бæстæты парламентты  æддагон комитеты сæрдæртты форматы  рабадт цæуы.

«Европарламент хъæрæй  банысан кодта, цæмæй  Украинайы, Ныгуылæн Балканты, Молдовæйы фидæн Евроцæдисы ис æмæ зонын,  цас  нысаниуæгджын у европаг перспективæ бирæ адæймагæн  Гуырдзыстоны.  Гуырдзыстоны  фидæн ис  Евроцæдисы. Уый у  нæ перспективæ  æмæ  иумæйаг  цæстæнгас. Ныр  хъуамæ къахдзæф-къахдзæф рацæуæм размæ  Евроцæдисы æмæ уæлдæрбанысангонд бæстæты», –  райхъусын кодта Отмар Карас.

Хуыздæр