Европарламенты уынаффæ цæуы, Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ  ассоциацидзинады бадзырды сæххæст  фарстыл
Европарламенты уынаффæ цæуы, Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ ассоциацидзинады бадзырды сæххæст фарстыл

Куыд æххæст цæуы  Евроцæдисмæ Гуырдзыстоны ассоциацидзинады бадзырд,  уый  фæдыл абон уынаффæ   кæнынц   Европарламенты.  Ацы фарстыл  Эстойнаг евродепутат Свен Миксеры  хыгъдлæвæрдмæ Европарламенты  фæсарæн хъуыддæгты комитеты рабадтыл хъусынц.

Эстойнаг  евродепутаты, Гуырдзыстоны  Евроцæдисимæ  ассоциацидзинады  бадзырды  фæдыл  хыгъдлæвæрды авторы,  Свен  Миксеры аргълæвæрдæй,  Гуырдзыстоны политикон цард  динамион æмæ цæрдæг у, уымæй  уæлдай ма, евродепутат  политикон  поляризацийы  æрдæм раздæхта хъусдард.

«Гуырдзыстоны  политикон цард  цæрдæг æмæ  динамион у, хаттæй-хатт та  эмоцион дæр. Фæстаг азты  мæтæфтауæг тенденци  у райрæзгæ   политикон  поляризаци  æмæ  хицауады æмæ   оппозицийы æхсæн  кæрæдзиуыл æууæнкы эррози.  Фæнысангонд  уникалон  у Гуырдзыстонæн, фæлæ  нысаниуæгджын  сагъæсы   фарста,  уæлдай дæр  æвзæрстыты афæдзы» – банысан кодта Свен Миксер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ стæй, «КОВИД-19»  æрурæдта нормалон политикон цард.  Уый  ацы  контексты  Гуырдзыстоны  хицауады сæххæст  мадзæлтты кой  дæр ракодта.

«Гуырдзыстоны хицауад, куыд  кæцыфæнды бæрнон хицауад афтæ,  фылдæр хъусдард раздæхта  æхсæнадон  æнæнизхъахъхъæды  проблемæты æмæ  æнхъæлмæ кæсинаг   экономикон кризисы  æрдæм.  Гуырдзыстоны хицауад, æхсæнадæмон æмæ бæстæйы  мидæгæй дæр  æппæлды  аккаг ссис  ацы  кризисы фæтк дæттыны тыххæй  æмæ ацы  æппæлды  аккаг æцæгдæр уыд.

Фæнды мæ  рахицæн кæнын Гуырдзыстоны  æмæ евроцæдисы  дæнцон  æмгуыстад  ацы  кризисы рæстæджы. Евроцæдис  Гуырдзыстонæн  рауæлдай  кодта  250  милуан  евройы  бæрц  æххуыс  вирусæн бафæразынæн  æмæ  150 милуан  евройы  бæрц  кредиттæ макроэкономикон  стабилондзинад бахъахъхъæды тыххæй.  Уый  фæстиуæгæн  Гуырдзыстон  иуæй-иу у, кæцы  сегасдæр стыр  æххуыс исы  Евроцæдисæй коронавирусы  кризисы  рæстæджы» – райхъусын кодта Свен Миксер.

Уый ма  бафтыдта, ома  иттæг  нысаниуæгджын у, 8 марты  бадзырд кæронмæ сæххæст кæнын.