Европарламенты сом, ассоциацидзинады парламентон комитеты дæсæм рабадт ацæудзæн

15:15, 09.02.2022

Брюсселы, Европарламенты 10 февралы  Евроцæдис-Гуырдзыстоны  парламентон ассоциацидзинады  комитеты  дæсæм рабадт  ацæудзæн, кæцыйы   куысты   хайад райсдзысты, Гуырдзыстоны  парламенты  иудадзыгархайæг  делегацитæ  Евроцæдис-Гуырдзыстоны   парламентон ассоциацидзинады комитеты  æмсæрдæртты, Мака Бочъоришвили æмæ  Марина Кльюранды къухдариуæгæй.

Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты  пресс-куыст.

Афтæма сæ хъусинагæй,  комитеты  рабадты фæлгæтты  æркæсдзысты  Гуырдзыстоны  æмæ Евроцæдисы  æмгуыстады  бонвæтк, Гуырдзыстоны-Евроцæдисы  ассоциацидзинады  фæдыл бадзырды, уый нымæцы   арф æмæ æппæтылæххæссæг   сæрибар базарадон   тыгъдадыфæдыл  бадзырд сыххæсты процесс, афтæма  Уæрæсейæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты  æмæ конфликты сабырадонæй  аскуыддзагы æрдæм тыхархайд.

Хуыздæр