Европарламенты минæвар Андраш Ласло - Гуырдзыстоны сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæ сырæзтысты, уый алчидæр, чидæриддæр уым уыд, уый зыдта
Гуырдзыстоны уагъд æрцыдысты сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстытæ, алчидæр, кæцы уым уыд, уый зыдта – уый фæдыл Европарламенты Гуырдзыстоны фæдыл цæугæ дебатты ныхасы рæстæджы европарламентарий Андраш Ласло расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, гуырдзийæгтæ сарæзтой демократон æвзæрст.
«Æз уыдтæн Гуырдзыстоны æвзæрстыты æхсæнадæмон цæстдарæг æмæ цы æрцыд, уымæй мæ зæрдæ ныццæвы. Гуырдзыстоны сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстытæ сырæзтысты. Чидæриддæр дзы уыд, уыдон æй зыдтой. Æнæхицауадон организациты цæстдарджытæ мын загътой, цæмæй æууæндынц æвзæрстыты рæстагдзинадыл, афтæ оппозицион партийы цæстдарджытæ дæр, афтæ æвзарджытæ дæр æмæ уыдонæй цалдæримæ ныхас кодтон æндæр æмæ æндæр æвзарæн фадгуыты. Гыццыл провокаци, инциденттæ æрцыдысты иуæй-иу æвзарæн фадгуыты, фæлæ æндæр рæтты цы нæ æрцыд, ахæм ницы.
Хицаугæнæг парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» фарсылхæцæг хъæлæсты хицæндзинад 300 000 хъæлæсæй фылдæр у, æмæ уый фæстæ æрцыдысты Евроцæдисы бæстæты политиктæ, кæцытæ архайдтой дестабилизаци æмæ протесттæ расайын. Гуырдзиæгтæ сарæзтой демократон æвзæрст. Кæд æмæ Евроцæдисы бирæты зæрдæмæ нæ цæуы, уæддæр хъуамæ кад кæнæм сæ равзæрстæн. Æвзæрстыты фæстæ йæ фыццаг расидæны Гуырдзыстоны премьер-министр бæлвырд расидтис, цæмæй Евроцæдисмæ баиу кæныны фæдыл бадзырдты адарддæр кæнын приоритетæй баззад. Мах хъуамæ адарддæр кæнæм нæ партнердзинад æмæ баиу кæныны бадзырдтæ ног хицауадимæ» – расидтис Андраш Ласло.