Европарламенты информацимæ гæсгæ, Саломе Зурабишвили Европарламенты раз 18-æм декабры раныхас кæндзæн
Европарламенты информацимæ гæсгæ, Саломе Зурабишвили Европарламенты раз 18-æм декабры раныхас кæндзæн

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Европарламенты 18-æм декабры, Тбилисы рæстæгæй 11:30 сахатыл раныхас кæндзæн – уый фæдыл дзырдæуы Европарламенты рапарахатгонд пресс-релизы.

Пресс-релизы куыд банысангонд у афтæмæй, Саломэ Зурабишвили фæстаг азты дæргъы «Гуырдзиаг Бæллиццы» карз критик уыд.

«Фæстаг рæстæджы Гуырдызстоны, 2024-æм азы октябры быцæусидт парламентон æвзæрстыты фæстæ бæстæйы Евроцæдисмæ баиу кæныны процесс хицауад куы райста æскъуыддзаг, масштабон протесттæ райдыдтой. Цытджын Зурабишвили, кæцы Гуырдзыстоны президенты посты 2018 азæй ахста, расидтис, цæмæй уыцы æвзæрстытæ, кæцыты хицаугæнæг парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæлахизыл расидтис, уыдысты фæлитой æмæ эффектонæй давд. Европарламентон депутаттæ 2024-æм азы 28-æм ноябры райсгæ резолюцийы Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фæстиуджытæ не сразы сты æмæ афæдзы мидæг сæ ногæй ауадзын домдтой.

Зурабишвилийы президентон æмгъуыд 29-æм декабры фæуд кæны æмæ Гуырдзыстоны ног парламент æрæджы снысан кодта Михеил Хъавелашвилийы йæ фæдылдзæуæгæй. Францы гуырд, Гуырдзыстоны раздæры æттаг хъуыдтæгты министр, Саломэ Зурабишвили Хуссар Кавказы Францы минæвар дæр уыд æмæ фæстаг азты дæргъы «Гуырдзиаг бæллиццы» карз критик уыд» – кæсæм пресс-релизы.