Европарламенты абон Гуырдзыстоны ассоциргонд бадзырды сыххæсты хаццæг бакæсдзысты
Европарламенты абон Гуырдзыстоны ассоциргонд бадзырды сыххæсты хаццæг бакæсдзысты

Европарламенты абон Гуырдзыстоны ассоциргонд бадзырды сыххæсты хаццæг бакæсдзысты

Европарламенты пленарон сессийыл абон Гуырдзыстоны ассоциргонд бадзырды сыххæсты хаццæг бакæсдзысты. Информаци уый фæдыл Европарламенты официалон боны фæткъы ис фыст. Хаццæгы автор Европарламенты депутат Андрес Мамикинс у.

Хаццæгы аргълæвæрд ис Гуырдзыстонæй ассоцирдзинады, арф æмæ уæрæх сæрибар базарадон бадзырды сыххæсты уаг. Хаццæг бацæттæ ис Гуырдзыстоны хицауады бæрнонтæн, опозицийы лидертимæ æмæ гражданон æхсæнады бæрнонтимæ, афтæ дæр еврокамисы , евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты уагдон æмæ европарламенты æттаг æмахастыты комитеты уæнгтимæ фембæлды бындурыл.

Документы хаццæгон хайы ис нысангонд, цæмæй  хаццæг позитивон аргъ дæтты ассоцирдзинады бадзырды сыххæстæн. Афтæ дæр сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, аскъуыддзаг кæна уæвæг проблемæтæ, кæцытæ сты баст куыстон бартимæ, æрдзы хъахъæд æмæ сылгоймæгты ныхмæ дискриминацийы фарстатæм.

Резолюцийы проекты ис ффыст, цæмæй Евроцæдис разы у  Венецийы комисы позитивон аргълæвæрд Гуырдзыстоны конституцион рефопмæйы фæдыл, фæлæ тыхстдзинад сиды, цæмæй пропорцион æвзарæон системамæ ахызт 2024 æм азы онг æрцыд æргъæвд.

Афтæ дæр документы ис фыст конфликтты сабырадон регулирдзинады Гуырдзыстоны политикайы фарсылхæцындзинад. Резолюцийы проекты автортæ райгонд сты Гуырдзыстоны хицауады архайдтытæй, диалогы бавæрын Уæрæсеимæ. Документы тыхстдзинадæй ис фыст, цæмæй 10 азы фæстæ дæр Уæрæсе даргъ кæны Гуырдзыстоны териттриты окупаци. Европарламенты уæнгтæ бæлвырд кæнынц Гуырдызстоны територион æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты фасрылхæцындзина.