Европарламентар Анна Фотига Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы æрсидтис, ныххатыр кæна Гиорги Руруайæн
Европарламентар Анна Фотига Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы æрсидтис, ныххатыр кæна Гиорги Руруайæн. Уый фæдыл польшайаг депутат социалон хызаг «Твиттеры» ныффыста.
«Гуырдзыстоны бирæ хæлар, медийы хицау, Гиорги Руруайы æрцахсты æмæ йæ ныр та стæрхон кæнын нымайы политикон мотивиргондæй. Æз Гуырдзыстоны президентмæ сидын, спайда кæнæт сæрмагонд барæй, афтæ куыд æндæр фигурæтæм гæсгæ, кæцытæ 8 марты бадзырды хайадисджытæ уыдысты. Уый фæхуыздæр кæндзæн æвзæрстыты агъоммæ климат» – хъусын кæны Анна Фотига.
Тбилисы сахарон тæрхондон æхсæнгарзы æнæзакъононæй балхæд-бавæрын хæссыны аххосагæй ахст Гиорги Руруайы абон зылынджыныл банымадта æмæ йын цыппар азы æмгъуыдмæ ахæст стæрхон кодта.