Европарламент сбæлвырд кодта Гуырдзыстонæн 150 милуан евройы æххуысы пакеты рахицæн
Европарламент сбæлвырд кодта Гуырдзыстонæн 150 милуан евройы æххуысы пакеты рахицæн

Европарламент сбæлвырд кодта Гуырдзыстонæн 150 милуан евройы æххуысы пакеты рахицæн

Европаарламент Евроцæдисы сыхаг æмæ партнер бæстæтæн, се æхсæн Гуырдзыстонæн «Ковид-19» фæстиуæгимæ тохæн æртæ миллиард евройы кредиты рахицæнæн йæ фарсыл рахæцыд. Информаци уый фæдыл Европарламент парахат кæны.

Европарламенты веб-фарсыл ис фыст, цææмй кредиттæ, иу азы мидæг уыдзысты лæвæрд æмæ 10 бæстæйæн сты хицæнгонд.

Гуырдызстонæн 150 милуан евройы бæрц макрофинансон æххуыс. Афтæ дæр европарламенты бæлвырдгонд законпроектæй Албани райсдзæн – 180 милуан, Босния Герцоговина -250 , Иордани -200, Косово – 100, Молдовæ-100, Монтенегро -60, Цæгат Македони – 160, Тунис -600, Украинæ та -1,2 миллиард евро.

Короовирусæй æрхæсгæ зианы фæдыл, еврокомис Гуырдызстонæн 150 милуан евройы æххуысы пакеты инициативайæ 22-æм апрелы рацыд. Снысангонд фарстайыл Гуырдызстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцел Гуырдызстоны премьер-минстр Гиоргий Гахарамæ фыстæгæй басидтис