«Европæйы сæрыл хæцæг 2020»-ы  фæлгæтты райдайы æфсæддæтты  æрбынат кæнын  Балтийыбылы  бæстæты, Германи æмæ  Гуырдзыстоны
«Европæйы сæрыл хæцæг 2020»-ы фæлгæтты райдайы æфсæддæтты æрбынат кæнын Балтийыбылы бæстæты, Германи æмæ Гуырдзыстоны

Æфсæддон ахуыртæ «Европæйы сæрыл хæцæг 2020»- ы фæлгæтты,  Балтийыбылы  бæстæты, Германи æмæ  Гуырдзыстоны  райдайы  æфсæддæтты æрбынат кæнын. НАТО-ы  хæстон цæттæдзинад асгæрсты  нысанæй пълангонд  масштабон   æфсæддон ахуыры  рæстæджы, фæстаг  25 азы   дæргъы фыццаг хатт сырæздзæн,  Европæйы  континентмæ   америкаг   æфсæддæтты  сеппæтæй  масштабон  аппæрст.  Америкаг  æфсæддæттæ   базæтыл бынат кæнын  райдайдзысты  цæугæ  къуырийы.   Ахуыртæ  Европæмæ   20 000  америкаг æфсæддоны  арвитын   домынц.   Сæ нымæцы   денджызон фистæгтæ,   æфсæддон-уæлдæфон  тыхтæ,   националон  гвардийы   хайадтæ æмæ   резервон   дæлхайадтæ.

Сеппæтæй  егъау  контингент  æрлæудзæн Польшæйы.  Æмтгæй  райсгæйæ,  æфсæддон ахуырты   18  бæстæйы  37 000  æфсæддон  райсдзæн хайад.  Æфсæддæтты райуæрсты процессы  спайда  кæндзысты 6 000  транспортон фæрæзæй  æмæ  2 500 ифтонггæрзты  контейнерыæй.

Æфсæддон кусджыты   сæйраг  хайадты  æмæ   уæззау хотыхты  арвыст   райдайдзæн февралæй.  Рауагъдад  «Арми Таймс» фыссы, цæмæй зæгъгæ  æфсæддон ахуырты   фæлгæтты,  америкæгтæ  Гуырдзыстоны  бирæнацион  парашютон  гæппмæ  дардзысты  цæст.  Æфсæддон ахуыр  «Европæйы сæрыл  хæцæг 2020»  фæуыдзæн июны.