Европæйы хъуыддæгты Германийы паддзахадон министр – Гуырдзыстоны фæстаг рæстæджы цаутæ зæрдæхсаинаг сты, мах стæм æмбæстæгты фарс, фæлæ хицауады архæйдтытæ æнæрайсгæ сты
Европæйы хъуыддæгты Германийы паддзахадон министр – Гуырдзыстоны фæстаг рæстæджы цаутæ зæрдæхсаинаг сты, мах стæм æмбæстæгты фарс, фæлæ хицауады архæйдтытæ æнæрайсгæ сты

Гуырдзыстоны фæстаг рæстæджы цы цаутæ æрцыд европон ахастмæ гæсгæ, тынг зæрдæхсаинаг сты – уый фæдыл Европæйы хъуыддæгты Германийы паддзахадон министр, Гюнтер Крихбаум расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады архæйдтытæ æнæрайсгæ сты æмæ ацы æрдгæй алы вариант дæр каст цæуы.

«Кæй зæгъын æй хъæуы æппæт варианттæ дæр нымад цæуынц.Гуырдзыстоны фæстаг рæстæджы цы цаутæ цæуы европон ахастмæ гæсгæ, тынг зæрдæхсаинаг сты.Мах стæм æмбæстæгты фарс, æххуыс сын кæнæм, фæлæ хицауад æмæ хицауады архæйдтытæ сты æнæрайсгæ.Уый тыххæй дæр, куыд загътон афтæмæй, æппæт варианттæ дæр цæуынц нымад», – загъта Гюнтер Крихбаум.

Абон Люксембургы Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты министрты советы рабадт цæуы. Фембæлды сæрдариуæг кæны Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр минæвар, Кая Калас. Евроцæдисы бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министрты æруынаффæйы сæйраг фарстатæ сты Украинайы цæугæ хæст, Молдовайы ахастытæ, Индо-Сабыр фурды регион Евроцæдисимæ æмæ Суданы уæвæг уавæр. Фембæлдыл Гуырдзыстоны фарстайыл дæр уыдзæн уынаффæ. Фембæлды кæрон пресс-конференци сырæздзæн, кæцы Тбилисы рæстæгæй 16:45 сахатыл у плангонд.