Европæйы инвестицион банкъ Гуырдзыстоны электро автобусты кондад сфинанс кæнын хъавы
Европæйы инвестицион банкъ Гуырдзыстоны электро автобусты кондад сфинанс кæнын хъавы. Уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта организацийы вице-президент Вазиль Худак.
«Æхсæнадон транспорты модернизаци, а.х. маршруткæты, нырыккон транспортæй раивын, уый нымæцы электро автобустæй, нæ нысан кæны æрмæстдæр автобусты импорт, фæлæ ма йæ хъуыдыйы дары фæнысангонд транспорты Гуырдзыстоны рауагъд дæр» – банысан кодта Худак.
Европæйы инвестицион банкъы хъуыды кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны уагъд автобусты экспорт, сыхаг бæстæтæм дæр уыдзæн гæнæн, уый нымæцы Сомихыстон, Азербайджан æмæ Иранмæ.
Æхсæнадон транспорты баахъаз кæныны æрдгæй финансон институт æмтгæй райсгæйæ 100 милуан евройы рауæлдай кæнын хъавы.
«Суммæйы фылдæр хай, метройы модернизацийыл бахардз уыдзæн, сæ нымæцы ног вагонты æмæ метройæн хъæугæ аппаратурæйыл» – райхъусын кодта Вазиль Худак.
Инвестийцион банкъы вице-президент дзуры, цæмæй æхсæнадон транспорты фæхуыздæр кæныны планыл премьер-министримæ, экономикæйы æмæ финансты министртимæ æрныхас кодта.
«Уыдон разы сты ома ахæм экспериментæй гæнæн ис пайда кæнын æндæр сахарты дæр, сæ нымæцы Кутаисы» – загъта Худак.
Тбилисы плангонд проектыты æхсæн Европæйы Инвестицион Банкъ зæронд Тбилисы реабилитаци æмæ энергоэффективон мадзæлтты баахъаз кæнын схуыдта.