Европæйы фæсивæдон чемпионаты-Гуырдзыстон-Хорватийы плей-офф абон 19:00 сахатыл фыццаг каналыл #1TVSPORT
15-æм ноябры, 19:00 сахатыл, Гуырдзыстоны фæсивæдон æмбырдгонд Хорватийы æмбырдгондæн Евро-2025-ы плей-оффы, Тбилисы Михеил Месхийы стадионыл сфысым кёндзён, дзуаппон фембёлд та 19-æм ноябры централон стадионыл сырæздзæн Риекæйы, «Руевица». Гуырдзыстон-Хорватийы матчы телетрансляци Гуырдзыстоны фыццаг къаналыл 19:00 сахатыл уыдзæн лæвæрд.
Рамаз Сванадзейы командæ 2023-æм азы Европæйы чемпионаты фысымæй хъазыд. Æмæ йын ныр ис æцæг фадат спортивон хатдзæгимæ кæронбæттæн къæпхæнмæ балцæг райсынæн. Командæ дыккаг бынат бацахста къорды, кæцыйы сконды уыдысты Нидерландтæ, Швеци, Цæгат Македони æмæ Гибралтар, æрмæст дыууæ матчы ма баззад сæ нысанмæ баххæсынæн.
Знон нæ командæ сарæзта матчы агъоммæ тренировкæтæ æххæст скондæй. Уый размæ командæйы сæйраг тренер, Рамаз Сванадзе, Михеил Мæсхийы пресс-конференцийы залы медийы минæвæртты фарстытæн дзуапп ратта æмæ йæ ныфс расидтис, цæмæй командæ йæ æнтыстджын серийы адарддæр кæндзæн.