Еврокомиссийы рекомендаци у, коронавирусы ныхмæ вакциниргонд туристтæн хъуам уа Европæмæ балц кæныны бар
Еврокомиссийы рекомендацийæ, коронавирусы ныхмæ вакциниргонд туристтæн балц кæныны бар хъуамæ уа. Уый æдыл дзырдæуы Еврокомиссийы 3-м майы ахæлиугонд фидиуæны.
Уый у фыццаг цау, пандемийы фæстæ, Еврокомисси рекомендаци куы дæтты Евроцæдисы уæнг паддзахадтæн, райсæт уыцы æмбæстæгты, кæцыты балц æнæмæнгхъæугæ нæу.
Еврокомиссийы фидиуæны банысангонд у, цæмæй Европæмæ балц уæгъд хъуамæ уа уыцы бæстæты æмбæстæгтæн, цы ран эпидемиологион уавæр фæхуыздæр æмæ афтæдæр уыцы уæнгтæн, кæцытæ Европæйы медикаментты агентады авторизацигонд вакцинæйæ æфтыд сты. Афтæма балц кæнынæн барлæвæрд гæнæн ис аххæсса уыцы уæнгтæм дæр, чидæриддæр æнæниздзинад хъахъхъъæнынады æппæтдунейон организацийы рекомендацигонд вакцинæйæ сты æфтыд.
Уыимæ иумæ Еврокомиссийы рацыдысты рекомендацийæ, цæмæй коронавирусы ногш штамты ахæли маруадзынæн, скусын кæной механизм, кæцыййæ Евроцæдисы уæнг бæстæтæ конкретон падздахадтæй бæлццæтты райст афоныл фæуромой.
Еврокомиссийы рекоменадци, 4-5 майы æркæсдзæнис Европаг Совет. Совет ацы рекомендаци куы сбæлвырд кæндзæн, уый фæстæ йæ сæххæст баст уыдзæнис Евроцæдисы уæнг паддзахадтыл.