Еврокомиссийы æххстгæнæг вице-президент – Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн фарс рахæцын, ацытæккæ, раздæр куыд никуы уыдис афтæ нысаниуæгджын у, дарддæр кæндзыстæм нæ партнертæн æххуыс кæнын
Украинайы, Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Хуссар Кавказы бæстæтæн фарс рахæцын раздæр куыд никуы уыдис афтæ нысаниуæгджын у – Уый фæдыл Европарламенты пленарон сессийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы еврокомиссийы æххæстгæнæг вице-президент Валдис Домбровскис райхъусын кодта.
Уый Евроцæдисы æрдгæй Украинаæн фарсхæцыныл фæныхас кодта æмæ загъта, цæмæй ацы процесс хъуамæ фæуа Киевæн райсинаг домæнтæй æмæ Украинайы территорион æгасдзинадæн цытæй.
«Хæст хъуамæ фæуа Киевæм райсинаг аууæлттæй æмæ æхъсæнадæмонæй нымад арæнты Украинайы суверенитет æмæ территорион æгасдзинадæн æххæст цытæй. Евроцæдис дарддæр кæны Украинайæн хъæддых фарс хæцын ацы хæсты фæуæлахизы тыххæй. Укркаианйы ныхмæ Уæрæсейы æнæзакъонон æмæ æнæпровоциргонд агрессийы контексты, «Стратегион компас» дырыс хахх кæны нæ фæнд, адарддæр кæнæм нæ æмгуытсад хурыскæсæн партнертимæ æдасдзинад æмæ хъахъъхæнынады сферæты. Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы , афтæдæр Хуссар Кавкуазы бæстæтæн фарс хæцын, раздæр куыд никуы уыдис афтæ нысаниуæгджын у ацытæккæ. Адарддæр кæндзыстæм нæ партнертæн æххуыс кæнын æмæ семæ цæсдитæ фидар кæнын» – райхъусын кодта Еврокомиссийы æххæстгæнæг вице-президент.
Валдис Домбровскисы дзырдæй, зæгхгæ Уæрæсейы агресси хурыскæсæйнаг партнертæн ног реалондзинад сарызта.
«Уырнæг дæн, цæмæй регионон структурæ йæ тыхы баззайдзæн æмæ у нысаниуæнджын инструмент хуырскæсæны сыхы Евроцæдисы аргъдзинæдтæ æмæ интерестæ равдисынæн. Уый афтæдæр у инструмент Хурыскæсæн партнертимæ ахастытæ фæарфдæр кæнынæн, куыд Евроцæдисы, афтæ Хурыскæсæн Партнерады бæстæты æмбæстæгты пайдайæн. Æдас, сабыр æмæ дидинæфтыд Европæ у нысан, кæцыимæ разыстæм нæ хурыскæсæйнаг партнертимæ иумæ» – райхъусын кодта Еврокомиссийы æххстæгæнæг вице-президент.
Афтæма йæ дзырдæй , зæгъгæ хурыскæсæн партнерады бæстæтимæ æмкуысткæныны приориеттæ сты ахæм къабæзтæ, цахæмдæр сты закъоны сæйрагдзинад, экологи, бастдзинад, цифрон сферæ, адæймæгты æхсæн контакттæ.