Еврокамисы президент Гуырдзыстонимæ визалиберализацийы процессы уæвæг тенденцитæн позитивон аргъ дæтты
Еврокамисы президент Гуырдзыстонимæ визалиберализацийы процессы уæвæг тенденцитæн позитивон аргъ дæтты
Уый фæдыл Еврокомисы президент Жан-Клод Юнкер Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ фембæлдыл расидтис, кæцы абон Нью-Йоркы, Ино-йы генералон ассамблеайы 73-æм сессийы фæлгæтты сырæзт.
Еврокомисы президент стыр аргъ ратта бæстæйы цæугæ демокративон , экономикон æмæ политикон реформæтæн. Хъусдард сцырын ис Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагон картайыл, ассоцирдзинад æмæ арф сæрибар базарады тыгъдады фæдыл бадзырды æнтысджын инплементацийыл, афтæ дæр Евроцæдисимæ æнæпрецедентон форматы ролыл, кæцыйы фыцаг фембæлд ноябры Брюселы, Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ Еврокомисы президенты къухдариуæгæй сырæздзæн.
Фарсытæ афтæ дæр фæныхас кодтой окупиргонд територитыл уæвæг ситуацийыл.