Евроцæдисы минæвары фидиуæнæй, зæгъгæ цæттæ у бакуса партиты æхсæн иумæйаг позитæ бацагурынæн
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелы фидиуæнæй, зæгъгæ нырма раджы у уый зæгъын, куыд адарддæр уыдзæн политикон фарсыты æхсæн бадзырдты процесс.
Харцеллы дзырдæй, зæгъгæ ноджы дæр цæттæ сты, кусынмæ партиты æхсæн иумæйаг позицтæ бацагурынæн.
«Нырма раджы у уый зæгъын, куыд адарддæр уыдзæн политикон фарсыты æхсæн бадзырдты процесс. Парламент байгомы фæстæ, ног фазæмæ бахызтыстæм. Куыд фасилитатортæ, цæттæ стæм ноджы архайын. Фенæм бантысдзæн нын партиты æхсæн иумæйаг позицитæ бацагурын æви нæ.
Ацы фадæттæн аргълæвæрдыл æнцойæ, афтæдæр рахæсдзыстæм уынаффæтæ бадзырдьы фæндзæм раунд ауадзынмæ гæсгæ. Фæлæ нырма раджы у исты конкретон зæгъын. Æцæгæй куы зæгъон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдзæн вазыгджын процесс, кæцыйæн бахъæудзæн егъау лидердзинад фарсыты æрдгæй, кæцыты æцæгæй дæр фæнды уæрæх разыдзинад гæнæн бауа. Мах архайдзыстæм адарддæр кæнын уыдонæн æххуыс. нырма раджы у уый зæгъын, куыд адарддæр уыдзæн политикон фарсыты æхсæн бадзырдты процесс, фæлæ шансытæ ис» – загъта Карл Харцелл.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæртты инициативæйæ, хицауады æмæ оппозицийы æхсæн бадзырдтæ цæуынц. Фембæлдты æнæмæнгхъæундзинад уый фæстæ слæууыд боны фæткы, оппозици 31 октябры æвзæрстыты фæстиуджытæ фальсифициргондæй куы схуыдта æмæ нæзагъд ракодта парламентмæ бахизыныл.