Евроцæдисы минæвæрттæ æрнsхас кодтой, цæмæй  Гуырдзыстон æмæ Украинайы сепаратистон регионты  лæвæрд уырыссаг  паспортты, визæтæн æмæ  Шенгены зонæйы арæныл ахизынæн нымадмæ ист ма цæуа
Евроцæдисы минæвæрттæ æрнsхас кодтой, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украинайы сепаратистон регионты лæвæрд уырыссаг паспортты, визæтæн æмæ Шенгены зонæйы арæныл ахизынæн нымадмæ ист ма цæуа

 

Евроцæдисы минæвæрттæ Гуырдзыстоны æмæ Украинайы сепаратистон   регионты лæвæрд уырыссаг   бæлццонон документты  нæрайсгæдзинадыл æрныхас кодтой.

Евроцæдисы информацийæ,  зæгъгæ дипломаттæ   æрныхас кодтой  Европарламентимæ  бадзырдты  мандатыл, кæцы у  дзуапп Уæрæсейы æнæраст  æфсæддон  агрессийыл  Украинайы ныхмæ æмæ  Уæрæсейы  иуфарсыон  уынаффæйыл,  Гуырдзыстоны территориты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны   хæдбарад банымады  фæдыл.

Уынаффæмæ гæсгæйæ,  Уæрæсейы оккупацийы бын уæвæнг   регионты, Украинайы  кнæ  Гуырдзыстоны  сепаратистон   территоритыл лæвæрд  уырыссаг  бæлццонон документтæ,   нæ райсдзысты визæтæ раттынæн кæнæ Шенгены зонæйы  арæныл ахизынæн.

«Украинайы регионты æнæзакъонон анексийæ, Уæрæсе  ноджы иу  хатт равдыста йæ сæрмагонд  ахаст,  сæрфадыл бындурæвæрд æхсæнадæмон  барадмæ. Никуы бафидаудзыстæм, Украина æмæ Гуырдзыстоны  фундаментон  барты халынимæ,  афтæма сæ хæдбарад,  суверенитет æмæ территоритон нæхъæндзинад агайыны архæйдтимæ.   Евроцæдис  æмудæй   æмæ хъæддых лæууы  дыууæ  дæр бæстьæйы  æмæ сæ адæмы фарсмæ» –   банысангонд у Евроцæдисы фидиуæны.

Евроцæдисы фидиуæнмæ гæсгæйæ,  ацы регионты лæвæрд уырыссаг  балццонон документтæ ныридæгæн  нал сты нымадмæ ист, кæнæ та æнæбанымады  процессы ис  Евроцæдисы уæнг бæстæты æрдгæй.  Ацы уынаффæйæн йæ нысан у  иуæймаг ахаст бакуыст, æддæарæны   рæстæм куысты æмæ   иуæймагн визон  политикæ  срæвдз кæнынæн æмæ евроцæдисы бæстæты æдасдзинад бахъахъхъæдæн.

Ацы мандаты бындурыл Евроцæдисы президент бæстæ  цæттæ у  европарламентимæ дискусситæм.