Евроцæдисы делегаци – 2025 азы æрвылазон æрфарст ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр хай сæ фидæн Евроцæдисы уынынц
Евроцæдисы делегаци – 2025 азы æрвылазон æрфарст ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр хай сæ фидæн Евроцæдисы уынынц

2025-æм азы æрвылазон æрфарст ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр хай сæ фидæн Евроцæдисы уыны – уый фæдыл Гуырдызстоны Евроцæдисы делегацийы рапарахатгонд информацийы ис фыст.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, иртасæнмæ гæсгæ, кæд æмæ абон референдум уагъд æрцæуид, уæд 74% йæ фарс рахæцыдаиккой Евроцæдисмæ бацæуынæн, 80% та хъуыды кæнынц, цæмæй уый бæстæйæн зианæй фылдæр пайда æрхæсдзæн.

«Евроцæдис баззад Гуырдзыстоны сеппæтæй æууæнкджындæр æхсæнадæмон партнерæй, кæцыйыл æууæндынц æмбæстæгты 67%. Евроцæдисы æххуысы тыххæй æмбарынад у бæрзонд, 70%-æй фылдæр. Нымæцтæй дарддæр ма, æмбæстæгтæ уынынц Евроцæдисы уæнгдзинад куыд сабырад æмæ æдасдзинады фæндаг, сæ сывæллæтты хуыздæр фидæн æмæ царды гъæды фæхуыздæр. Гуырдзыстоны адæмы фæндон æмæ бæллицтыл бындурæвæрд» – ис фыст Евроцæдисы делегацийы Гуырдзыстоны фидиуæны.