Евроцæдисы бæстæтæм балцы ног уагы скуыст, 2024-æм азы онг æрцыд æргъæвд
Евроцæдисы бæстæтæм балцы ног уагы скуыст 2024-æм азы онг æрцыд æргъæвд
Информаци æмæ авторизацийы система (ETIAS)–ы 2024-æм азмæ аргъæвтой.
Æмбæстæгтæн уыцы бæстæтæй, кæцытæ Евроцæдисимæ æнæвизон змæлд ис, ног электронон системæ 2023-æм ноябры хъуамæ скуыстаит.
Системайы скуысты фæстæ, æндæр æмæ æндæр бæстæты æмбæстæгтæ, кæцытæн Европайы бæстæтæм æнæвизон режим архайы, балцы размæ электронон анкета хъуамæ байдзаг кæной, кæцы система бацахуыр кæндзæн æмæ балцон, авторизаци электронон почтайыл райсдзæн.
Снысангонд лæггад 7 евро уыдзæн.
Ног системæ хауы 60-йæ фылдæр бæстæмæ, се æхсæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм дæр, кæцытæ Шенгены зонамæ æнæвизайæ цыдысты.
Еврокомисы официалон веб-фарсыл ис фыст «балцон информаци æмæ авторизацийы европон системайы регистрацийæн æнæмæнг уыдзæн специалон электронон формайы байдзаг кæнын æмæ расидæны срайгонды цауы, Европамæ балцы бар æртæ азы дæргъы уыдзæн. Документы, къухæй ныффысыны фадат æрмæст уыцы цауы уыдзæн, кæд æмæ æмбæстаг барлæвæрды периоды гоймагæвдисæг документ фæивдзæн.
Еврокомисы информацимæ гæсгæ, Шенгены зонамæ бахызтæн авд евро уыдзæн бафидинаг, 18-70 азы кары уæнгтæн, 18 азы онг, кæнæ 70-йæ хистæр уæнгтæ фидинаг нæ бафиддзысты.
Анкетайы, æмбæстæгтæ хъуамæ ныффысой сæрмагонд æрбадæттæгтæ, се æхсæн райгуырæн бынат, датæ, адрис, телефоны номыр, ахуырад æмæ куыстон бынат, афтæ дæр Европайы уыцы бæстæ, кæцы фыццаг бабæрæг кæндзысты. Афтæ дæр æнæмæнг уыдзæн æнæниздзинады уавæры фæдыл информаци ныфыссын, тæрхондонон æскъуыддзаг ахсты фæдыл.