Евроцæдисы бæстæтæй æрыздæхгæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, ахиздзысты æнæмæнгхъæугæ 14 бонон карантинмæ
Евроцæдисы бæстæтæй æрыздæхгæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, ахиздзысты æнæмæнгхъæугæ 14 бонон карантинмæ. Уый фæдыл премьер-министры уынаффæгæнæг, ираклий Чиковани, брифингыл фехъусын кодта.
«Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, Евроцæдисы бæстæтæм цыфæнды нысанæн визиты фæстæ, фыдыбæстæмæ æрыздæхты рæстæджы ахиздзысты 14 бонон æнæмæнгхъæугæ карантинмæ.
Нысаниуæгджын у, нæ æмбæстæгтæ афтæдæр сæ зæрдыл бадарой Евроцæдисы уæнг бæстæты регуляцитæ арæнты байгоммæ гæсгæ» – райхъусын кодта Ираклий Чиковани.