Евроцæдисы бацæттæ кодтой инициативæ, цæмæй Гуырдызстон, Украинæ æмæ Молдовайæн евроинтеграцийы дæсазон план раттой
Евроцæдисы бацæттæ кодтой инициативæ, цæмæй Гуырдызстон, Украинæ æмæ Молдовайæн евроинтеграцийы дæсазон план раттой
«Европайы адæмон парти» -йы уæнг лиетувайаг депутат скæсæн партнерады програмайы размæцыды стратегийы сæрмагонд уынд бавдыстой.
Украинаг ралæвæрд «Укринформ» фыссы, цæмæй инициативæ йæ зæрдыл дары а.х «Триойы процесс» -ы райдайын æмæ Евроцæдисмæ интеграцийы перспективайы баконды партнерты уыцы бæстæтæн, кæцытæн Евроцæдисимæ ассоцирдзинады æмæ сæрибар базарады бадзырд ис -Гуырдызстон, Украинæ æмæ Молдовайæн.
«Триойы евроопн процесс хъуамæ уа фидæн дæс азыл уыцы бæстæты фарсылхæцындзинадæн, кæцытæн Евроцæдисимæ хорз æмахастытæ ис ассоцирдзинады æмæ арф сæрибар базарады. Инициативасмæ гæсгæ, скæсæн партнерады æртæ ассоциргонд уæнг бæстæ хъуамæ адаргъ кæна реформæтæ æмæ бавæра реформæты мотиваци фидæн дæс азы мидæг æмæ Евроцæдис хъуамæ сараза ног даргъ æмгъуыдон инструметтæ. Стратегийы автортæ афтæ дæр нфсан кæнынц, цæмæй Евроцæдисимæ ассоциргонд æртæ бæстæйы реформæты æнтыстджын ауагъд хъуамæ уа стимул скæсæн партнерады иннæ æртæ бæстæйæн – Азербайджан, Сомих æмæ Беларусæн, цæмæй уыдон дæр равзарой европон интеграцийы амбицион фæндаг.