Евроцæдисы ассоцирдзинады совет Гуырдзыстон -Евроцæдисы дыууæфарсон æммахастытæн аргъ ратцæн
Евроцæдисы ассоцирдзинады совет Гуырдзыстон -Евроцæдисы дыууæфарсон æммахастытæн аргъ ратцæн

Евроцæдисы ассоцирдзинады совет Гуырдзыстон -Евроцæдисы дыууæфарсон æммахастытæн аргъ ратцæн

Евроцæдисы советы веб-фарсыл Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоцирдзинады советы боны фæтък рапарахат кодта.

Евроцæдисы советы пресс-центры информацийæ, ассоцирдзинады советы радон цыппæрæм фембæлд 5-æм февралы сырæздзæн.

Советы сæрдар Евроцæдисы уæллаг бæрнон Федерика Могерини уыдзæн.

Гуырдзыстоны делегацийæн премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили къухдариуæг кæндзæн.

«Хурскæсæн партнерады» æмæ «Европайы сыхагон политикайы» фæлгæтты ассоцирдзинады совет Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн дыууæфарсон æммахастытæн аргълæвæрд ратцæн.

Советы фæмбæлдыл уыдзысты каст, кæцытæ сты баст барад, сæрибардзинад æмæ æдасдзинады сфератыл, афтæ дæр адæймагы барты хъахъæды темæ.

Фарсытæ фæуынаффæ кæндзысты ацы сфераты æмкуыстдзинады фæарфдæры фадаттыл.

Ассоцирдзинады совет аргъ ратцæн 2017-æм азы марты визалиберализацийы фæстиуджытæ дæр.