Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты службæйы пресс-спикер – поларизаци Гуырдызстоны демокартийæн тæссагдзинад хæссы
Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты службæйы пресс-спикер – поларизаци Гуырдызстоны демокартийæн тæссагдзинад хæссы
Политикон стабилондзинад, уæд кæд æмæ алы фарс йæхи хизы провокацион архайдтытæй æмæ риторикайæ, инклюзивон парламентон процесс æмæ æмбæстæгты æууæнкдзинадæй ифтонггонд тæрхондонон системæ у уый нысан, цææмй Гуырдызстон Евроцæдисимæ партнердзинад фæарфдæр кæна –уый фæдыл Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты службæйы пресс-спикер Питер Станойы фидиуæны ис фыст.
«Гуырдызстоны алкæмæй стыр опозицион партийы –«Националон змæлды» сæрдар, Никонор Мелиайы ахсты фæстæ, политикон поларизаци ноджы фæарфдæр ис. Поларизаци Гуырдызстоны демокартийæн зиан хæссы æмæ тæссагдзинады бын вæры.Евроцæдис сиды алы фарсмæ, фæтыхджын кæной ситуацийы дэескалаци æмæ иумæйаг æвзаг рауарой.
Æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй хицаугæнæг тых сыххæст кæндзæн бæстæйы инклюзивон хицауады æмæ гуырдзийаг адæмы интерестæ фыццаг бынатыл. Афтæ дæр тынг нысаниуæгджын у, цææмй тæрхондонон системæ уа рæстадон æмæ бæрнджын. Евроцæдис уыцы къуымæй стыр хъусдард дары цæугæ процесстæм.
Нысаниуæгджын у, цææмй опозици конструктивон роль сыхæхст кæна, парламентмæ бацыды нымадæй, Гуырдызстоны демокарти æмæ законы уæллагдзинадæн. Политикон стабилондзинад, уæд кæд æмæ алы фарс йæхи хизы провокацион архайдтытæй æмæ риторикайæ, инклюзивон парламентон процесс æмæ æмбæстæгты æууæнкдзинадæй ифтонггонд тæрхондонон системæ у уый нысан, цææмй Гуырдызстон Евроцæдисимæ партнердзинад фæарфдæр кæна» -сиды Питер Стано.