Евроцæдис Гуырдзыстоны хицауадимæ æввахс æмкуыстдзинады цæттæдзинад бæлвырд кæны
Евроцæдис Гуырдзыстоны хицауадимæ æввахс æмкуыстдзинады цæттæдзинад бæлвырд кæны
Евроцæдис сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны хицауадимæ æввахс æмкуыстдзинады фæдыл цæттæдзинад, цæмæй уа вæрд къахдзæфтæ Гуырдзыстон – Евроцæдисы иумæйаг дыууæфарсон боны фæтък – уый фæдыл Гуырдзыстон -Евроцæдисы ассоцирдзинады советы 4-æм фембæлды фæстæ иумæйаг пресс-релизы ис фыст.
Документы ис фыст, цæмæй Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоцирдзинады совет райгонд у уыцы фактæй, æмæ Гуырдзыстоны октябрь æмæ ноябры арæзт æвзæрстытæй. Уыдысты хъахъæд фундаменталон сæрибардзинæдтæ æмæ кандидаттæн уыд фадат разæвзарæнон кампанийы сæрибарæй ауадзын.
Асоцирдзинады совет райгонд у конституцион реформæйы райст æмæ Венецийы комисы хорз хаццæгæй, кæцымæ гæсгæ снысангонд реформæ Гуырдзыстоны парламентон системайы æрдæм ахызты фæуды аргъ уыд лæвæрд.
Совет алы политикон уæнгмæ æмкуыстдзинад æмæ гом диалогмæ басидтис, цæмæй ноджы фæтыхджын уа демокративон институттæ, консолидаци æмæ адаргъ уой реформæтæ.