Евроцæдис-Гуырдзыстоны  ассоциацидзинады  парламентон  комитет  не сразы  ис,  оппозиционер  депутатты, Фыццаг Къаналмæ гæсгæ  инициативимæ
Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоциацидзинады парламентон комитет не сразы ис, оппозиционер депутатты, Фыццаг Къаналмæ гæсгæ инициативимæ

Евроцæдис-Гуырдзыстоны  ассоциацидзинады  парламентон   комитет  не сразы  ис  оппозиционер  депутатты  инициативимæ, цæмæй  кæронбæттæн документы  Гуырдызстоны  Фыццаг Къаналы фæдыл  арызт ныффыст, цæвиттон  «æвзæрстытыагъоммæ  периоды  Æхсæнадон Телеуынынад  æххæстæй  нæ  бахъахъъхæдта  редакцион   уагхаст æмæ объективондзинад».

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн «Европаг Гуырдзыстоны» уæнг Отар Къахидзе  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,   ахæм ныффыст зæгъгæ   æвзæрстыты  фæдыл  ЕÆÆО-ы  хыгъдлæвæрдыл æнцой хъуамæ  уыдаит.

Фарстыл, йæ бон æви нæ сконкрет кæнын,  искæцы сюжет, кæцыйы мидæг зындис  цæмæй  Телеуынынад  срæмагонд ахаст æвдыста, Къахидзе дзуапп дæтты:

«ЕÆÆО-ы  хыгъдлæвæрд  афæлгæстон  æнæхъæн процессю Афтæдæр  æнæхицауадре  сектормæ ис  сæхи хъуыдытæ æмæ аргълæвæрдтæ, уыдон объективонæй   дарттой  цæст  а2цы темæмæ. Сбаланс кæныны  хицæ  фарстайæн  ахуыр кодтой,  медийы  тынгады  фонды æмæ æндæр организациты. Хыгъдлæвæрды  иунæг искæцы  сюжеты фæдыл нæ  фæлæ,  æнæхъæнæй   кампанийыл  дзырдæуы, цæмæй  куыд  рухс  кодта Телеуынынад разæвзарæн процесс уымæ гæсгæ  объективон нæ уыд.  Конкретон сюжеты  уын нæ  бавдисдзыснæн,  фæлæ   иртасæнмæ куы ныккæсат, уым лæвæрд сты  акценттæ  куыд  цыдысты арызт,  баланс  цахæм уыд уый.  Уый Телеуынынадæн даууаг кæй у, нæ нысан кæны, цæмæй  «Европаг Гуырдзыстонæн»   у  даууаг,  мах æууæндæм Европæйы æдасдзинад æмæ Æмгуыстады организацийы  мониториты  хатдзæгыл».

Евроцæдис-Гуырдзыстоны  ассоциацидзинады  парламентон   комитет  инициативæимæ не сразы ис.Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ахæм ныффысты  тексты  саразыныл дæр нæзагъд ракодта.