Евроцæдис æнæнвизон режимы мониторингы фæдыл радон хаццæг парахат кæны, кæцыйы Гуырдзыстоныл дæр цæуы ныхас
Евроцæдис æнæнвизон режимы мониторингы фæдыл радон хаццæг парахат кæны, кæцыйы Гуырдзыстоныл дæр цæуы ныхас
Документмæ гæсгæ, уæнг бæстæтæ бæлвырд кæнынц Гуырдзыстоны хицауадмæ æрыздæхты æмæ реадмиссийы æмкуыстдзинады.
«Уыцы къуымæй, пандемийы рæстæг тынг æнтыстджын разынд, реадмисийы системæ», – ис фыст документы.
Афтæ дæр уæнг бæстæтæ хаццæгы нысан кæнынц Гуырдзыстонимæ æмкуыстдзинады фæдыл æдасдзинады сферайы.
Хаццæгы Гуырдызстоны тæрхондонон реформæйы фæдыл ис ныхас, се æхсæн уæллаг тæрхондоны тæрхонгæнджыты снысаны фарстайыл.
Афтæ дæр документы ис фыст, цæмæй Гуырдзыстон даргъ кæны визалиберализацийы критериты æххæст æмæ сарæзта къахдзæфтæ дæр комисы рекомендациты сыххæстæн. Фæлæ докумнтмæ гæсгæ, фидæн архайдтытæ сты æнæмæнг уæнг хицауадты политикон статусы райсты æнæбындурон апликациты фарстаты аскъуыддзагæн.
Документы, Гуырдызстонæн ис лæвæррд рекомендацитæ;
– активонæй адаргъ кæнут уæнг-бæстæты æнæбындурон фидиуæнты лæвæрды æрбиноныг, æнæвизон режимы фæдыл информацион кампаниты раст уагъд.
– фæхуыздæр кæнут антикоррупцион институтты æмæ барадхъахъхъæнаг органты эффектон куыст.
– кæронмæ бакæнут уæллаг тæрхондоны реформæ, тæрхонгæнджыты сывзæрсты уыцы процедурайæ, кæцы венецийы комисы рекомендацийы ис.
– сыххæст кæнут Гуырдзыстоны визон политикайы фидæн Евроцæдисы визайы æнæмангæдзинады æртыккаг бæстæты номхыгъдимæ.