Евро 2024 | Къордон этапы символон æмбырдгондмæ бахаудысты  Гиорги Мамардашвили æмæ Гиорги Микаутадзе #1TVSPORT
Евро 2024 | Къордон этапы символон æмбырдгондмæ бахаудысты Гиорги Мамардашвили æмæ Гиорги Микаутадзе #1TVSPORT

Евро 2024-ыл къордогн этап фæцис, Гуырдызсьоны æмбырдгонд  æртыккаг  туры  Португалиайæн рамбылдта хыгъдæй  2:0  æмæ æстæмфиналы хъазыны  бар  самал кодта

Статистикон  вебфарс «whoscored.com» къордон этапы  символон æмбырдгонд сарызта, кæцымæ хаст уыдысты   Гуырдзыстоны  æмбырдгонды дуаргæс Гиорги Мамардашвили æмæ    размæбырсæг Гиорги Микаутадзе – къордон этапыл   Мамардашвили  Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  æртæдæр матчы  ахъазыд,  иу  «сур»  матч  ауагъдта æмæ   æмтгæй райсгæйæ 20   сейвы  сыххæст кодта, Гиорги Микаутадзе та   æртæ  къæмы баппæрста æмæ къордон этапы  хуыздæр бомбардир ссис.

Бакой уын кæндзыстæм, Гуырдзыстоны  æмбырдгонд Европæйы Чемпионаты  къордон этапы  фыццаг  матчы  Туркимæ  1:3 фембылд ис, Чехиимæ матчы хæрæгсастыл ахъазыд, æрмæст фæстаг туры та Португалиайæн 2:0 рамбылдта æмæ  плейофмæ ахызт, кæцыйы  30 июны  23:00 сахатыл, Кьольны Испанийы  æмбырдгондимæ схæцдзæн.