Евро 2024\ Гуырдзыстоны къорд 12,25 милуан евро бакуыста #1TVSPORT
Евро 2024\ Гуырдзыстоны къорд 12,25 милуан евро бакуыста #1TVSPORT

Евро 2024\ Гуырдзыстоны къорд 12,25 милуан евро бакуыста #1TVSPORT

Португалийыл фæуæлахизы фæстæ, Гуырдзыстоны къорд, кæцы Европайы Чемпионаты æстæмфиналмæ ахызт УЕФА-йæ уæлæмхасæн бонус райсдзæн.

Ацы рæстæгмæ зындгонд у, цæмæй Гуырдзыстоны къорд 12, 25 милуан евро бакуыста. Уыцы æхцайæ 9.25 милуан евро  Чемпионатмæ ахызты æхца у, 500 мин евро Чехиимæ хъазтæн райстой, 1 милуан Португалиимæ хъазтæн, 1,5 милуан та – æстæмфиналмæ ахызтæн.

Гуырдзыстоны къордæн шанс ис ноджы фылдæр æхца бакуса уымæн æмæ 2, 5 милуан евро у æстæмфиналмæ ахызты æхцайы бæрц.

Æрымысын уын кæндзыстæм, цæмæй УЕФА -ы комитеты нысангонд Европайы чемпионаты призон фонд 331 милуан евро у, æхца дих кæны афтæ:

9, 25 милуан евро – хайадистæн

1 милуан евро -рамбылдæн

500 000 – æмбарад хаццæгæн

1,5 милуан – æстæмфиналмæ ахызтæн

2,5 милуан евро – цыппæрæм финалмæ ахызтæн

4 милуан – æрдæгфиналмæ ахызтæн

5 милуан -дыккаг бынатæн

8 милуан евро – чемпион суæвынæн

Максималон æхцайы бæрц, кæцы Европайы чемпион гæнæн ис æмæ райса 28, 25 милуан евро у.