Еропæйы инвестицион банкъ гæнæн ис Тбилисы маршрутон таксыты электро-автобустæй раивын сфинанс кæна
Еропæйы инвестицион банкъ гæнæн ис Тбилисы маршрутон таксыты электро-автобустæй раивын сфинанс кæна – уый фæдыл журналисттæн организацийы вице-президент Вазиль Худак фехъусын кодта.
Йæ информацийæ æхсæнадон транспорты фæхуыздæр кæныны фарсты активон каст ццæуы Тбилисы мэр Каха Каладзеимæ.
«Иттæг цымидисон проект нын ис Тбилисы ног къудариуæггæнæгимæ, Каха Каладзеимæ. Уынæм хорз фадат æхсæнадон траспорты къабазы. Дæнцæн уырнæг стæм, цæмæй «маршруткæтæ» цы хонынц уыдоны раивын электро автобустæй, тынг дзæбæх æмæ иновацион фæндаг у. Ай сыгъдæг транспорт» – банысан кодта Худак.