Елисейы галуаны Саломе Зурабишвили æмæ Эмануель Макроны фембæлд даргъ кæны

Елисейы галуаны Саломе Зурабишвили æмæ Эмануель Макроны фембæлд даргъ кæны. Фембæды фæстæ, дыууæ бæстæйы президенттæ сæ къух æрфысдзысты æмкуыстдзинады декларацийыл «Дмитрий Амилахврийы номыл -францаг-гуырдзийаг диалогы» сбæлвырды фæдыл бындурæвæрды фæдыл, кæцы æндæр æмæ æндæр сфераты, се æхсæн хихъахъæнады фарстаты æмкуыстдзинады фæдыл. Гуырдзыстон æмæ Францы президенттæ фембæлды фæстæ иумæйаг расидæнтæ сараздзысты æмæ журналистты фарстатыл ратдзысты дзуапп. Гуырдзыстоны президент Францмæ 17-æм февралы. Визиты фыццаг бон Саломе Зурабишвили йæ фыды инициативайæ амад аргъуан бабæрæг кодта æмæ йæ сыввæлæттимæ иумæ куывды райста хайад. Уый фæстæ Гуырдызстоны президент Левилмæ афæндараст ис, кæцыйы ныййарджыты уæлмæрдмæ дидинджытæ бахаста æмæ Левилы Шато бабæрæг кодта.