«Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийы уæнг Алеко Елисашвилийы барадхъахъхъæнджытæ тыхмийы аххосагæй æрцахстой.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн мидхъуыддæгты министрад сбæлвырд кодта.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, Елисашвили Алеко ахст у уголовон кодексы 156-æм статьяйы дыккаг хаймæ гæсгæ, кæцы тыхмидзинадæй арæзт æфхæрд кæнæ тыхмийы тæссагдзинадмæ хауы.
Бæрæг куыд у, афтæмæй цалдæр боны размæ хъусын кæнынц, цæмæй Елисашвили «Гуырдзыстоны азербайджанæгты националон конгрессы» сæрдар, Али Бабаевы физиконæй бафхæрдта. Уæвæг информацимæ гæсгæ, йæ ахст баст у ацы фактимæ.