«El País» АИШ  æмæ НАТО-йæ  Уæрæсемæ æрвыст дзуаппытæ публикаци кæны – Уæрæсейы æфсæддон хайадтæ хъуамæ рацæуой  Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы  территоритæй,  йæ тыхы баззайдзæн  НАТО-ы гом дуары политикæ
«El País» АИШ æмæ НАТО-йæ Уæрæсемæ æрвыст дзуаппытæ публикаци кæны – Уæрæсейы æфсæддон хайадтæ хъуамæ рацæуой Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы территоритæй, йæ тыхы баззайдзæн НАТО-ы гом дуары политикæ

Испайнаг рауагъдад «Эл Паис»  АИШ-ы æмæ НАТО-йæ  Уæрæсемæ æрвыст  конфиденциалон  документтæ  публикаци  кæны,  кæцыты мидæг  Европæйы  æдасдзинад сифтонг кæныны иуæй-иу  домæнæй, Гуырдзыстонæй  Уæрæсейы æфсæддæ  акæнын у  бавдыст.  Цæгататлантикон  альянсы   дзуапп  цыппар фарсыл, АИШ-ы  дзуапп  та  фарсыл у  фыст.

Рауагъдад  куыд  фыссы афтæмæй,   НАТО-йы  документ 8.3 пункты банысангонд у, цæмæй европаг   æдадсзинад сифтонг кæнынæн, Уæрæсейы  æфсæддон  хайадтæ  хъуамæ рацæуой  Украинайы, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы  территоритæй, цы ран ацы  бæстæтæй барлæвæрд цухæй  сты. Цæгататалантикон  альянсы документмæ гæсгæйæ,  алы   бæстæ   хъуамæ цыт кæна  паддзахадты  суверенитетæн, арæнтæ нæфехалгæдзинадæ  æмæ территорион æнæхъæндзинады  принциптæн æмæ йæхи хъуамæ  фæурома  тыхæй  спайдайæ  æмæ  тыхæй спайдайы æртхъирæнæй.

Документмæ  гæсгæйæ, НАТО-ы зæгъгæ  конфронтаци нæ хъæуы, фæлæ  нæйы нæ зæгъдзæн  ныгуылæйнад принциптыл.

АИШ- æй  æрвыст  документы тыххæй та,  испайнаг рауагъдад фыссы, цæмæй  Вашингтоны дзуаппмæ гæсгæйæ,  АИШ цæттæ у  Уæрæсеимæ кæрæдзиæмбарындмæ,  трансатлантикон  æмцæдисонтимæ æмæ  партнертимæ иумæ.

Документмæ гæсгæйæ, АИШ хъæддых йæ фарс хæцы  НАТО-ы  гом дуары  политикæйæн  æмæ  сæ  уырны, цæмæй ацы  фарста æркæсынæн æмбæлгæ форум у  НАТО-Уæрæсейы  совет.

Документы банысангонд у, цæмæй Вашингтон  цæттæ  у  æдадсзинад нæдигæнгæдзинады фæдыл  дискуссимæ, фæлæ æмцæдисонтимæ  æмæ  партнертимæ иумæ  ногæй æвдисы  мæстыдзинад Уæрæсейы  архæйдытытæй,  кæцы тæссаг  сты   евро-атлантикон  тыгъдады  æдадсзинадæн.