Тикъарадзе Марнеулмæ тестытæ ныххаста.
Æнæниздзинады министр Екатерина Такъарадзе Марнеулмæ тестытæ ныххаста æмæ бынатыл базонгæ уæвæг ситуациимæ.
Минитсры ныхасмæ гæсгæ, тестыты фыццаг парти – 1000 тест æрмæст Марнеулы цæрджытыл у нымад.
«Плангонд уыд, тестыты фыццаг парти æрцыд æмæ æхсæз сахаты бæсты 1.5 сахаты мидæг дæтты дзуапп. Кæцы фыццаг этапыл махæн дæтты фадат, цыбыр рæстæджы пациентты нымæцимæ срæвдз уæм. Тестытæ иууылдæр ардæм æрхастам æмæ нæ специалисттæ адаргъ кæндзысты куыст. Мах æнхъæлмæ кæсæм ноджы уæлæмхасæн тестыты нымæцмæ», – сиды Тикъарадзе.
Æнæнизхъахъхъæды уагдоны кусджытæ та, цæрджыты басгæрст дарддæр кæнынц. Уыдон сгарынц уыцы æмбæстæгты, кæцытæм гæнæн ис, уыд комкоммæ кæнæ фæрссаг контакт ног коронавирусæй фæрынчынуæвæг 62 аздзыд сылгоймагимæ.
Гуырысхойаг симптомтæ, кæцы пациенттæм ис, уыдон райсынæн горæты арызт у быдырон госпитал.
Уынгты цæуынц дезинфекцион куыстытæ.
Карантины зонæйы специалонæй экипиргонд Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналистты къордтæ кусынц.