Израилы фасарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, Египеты горæт Александрийы дыууæ израилаг туристы æмæ сæ египеттаг гиды амардтой.
Уымæй дарддæр ма, Израилы фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, цæф у Израилы иу æмбстаг, кæцыйы уавæр астæуккаг уæззау у.
Медиайы хъусинагæй, Израилаг туристты къордыл æхст бакодта пъæлицæйаг. Ахæлиугонд информацийæ, офицер ныр ахст у.
«Абон, сæумæорайсом, Египеты горæт Александрийы израилæгты къорды туристон визиты рæстæджы, бынæттон сыл æхст бакодта, кæцыйы фæстиуæгæн Израилы дыууæ æмбастаг æмæ бынæттон египеттаг гид амардысты», – хъусын кæнынц фæсарæн хъуыддæгты министрады.
«ВВС» куыд фыссы афтæмæй, уый у фыццаг ахæм бырст израилæгтæм Египеты фæстаг дæсой азты дæргъы.