ЕÆÆО-йы 35  уæнг бæстæ Гуырдзыстоны адæймаджы барты уавæры фæдыл расидæн парахат кæнынц
ЕÆÆО-йы 35 уæнг бæстæ Гуырдзыстоны адæймаджы барты уавæры фæдыл расидæн парахат кæнынц

ЕÆÆО-йы 35 уæнг бæстæ Гуырдзыстоны адæймагы барты уавæры фæдыл расидæн рапарахат кодтой.

Документы автортæ Гуырдзыстоны хицауадмæ сидынц, æргом уой инклюзивон диалогмæ алы интересджын фарсытимæ.

«Мах хъыг кæнæм, цæмæй нæ раздæры коммуникациты æвдыст тыхстдзинад нымадмæ нæ æрцыд æмæ Гуырдзыстоны хицауад нæ сарæзта къахдзæфтæ адæймаджы барты уавæры фæфыддæр кæныны тыххæй, кæцы ныхмæлæууæг у Гуырдзыстоны ЕÆÆО-йы хæслæвæрдтæн æмæ адæймаджы барты, демокративон нормæты æмæ аргъдзинæдты хъахъхъæдæн» – ис фыст фидиуæны.

Ныгуылæйнаг бæстæты минæвæрттæ банысан кæнынц, цæмæй «Гуырдзыстоны октябры муниципалон æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты карз политикон поляризацийы æмæ хицауады критикты рæзгæ репресситы контексты».

Критикæгонд æрцыд уый дæр, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад ЕÆÆО-йы демокративон институтты æмæ адæймаджы барты фæдыл офисмæ хуынд нæ арвыста, цæмæй æвзæрстытæ рæстæгыл сæ цæст дарой.

«Æмбæстæгты, оппозицион архайджыты, æмбæстагон æхсæнады æмæ хæдбар журналистты ныхмæ репресситæ даргъ кæнынц.Ноджы иу хатт сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, сбæрæг кæной барадхъахъæнджыты æрдыгæй æгæр тыхæй спайда кæныны тыххæй алы аххосаг æмæ аххосджынты дзуаппмæ æркæной» – ис фыст фидиуæны.

Уымæй дарддæр ма, документы ис фыст, цæмæй ЕÆÆО-йы бæстæтæ тæрхон кæнынц журналист Мзиа Амагълобелийы ныхмæ тæрхон. Ныгуылæйнаг бæстæты хъуыдымæ гæсгæ, протестгæнджыты ныхмæ тæрхонтæ хæлынц рæстадон процессы принциптæ.

«Мах сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, ноджы иу хатт сбæлвырд кæной сæ æнæфæцудгæдзинад диалогмæ, афтæ дæр ЕÆÆО-йы принциптæ æмæ хæслæвæрдтæм» – ис фыст фидиуæны.

Уыимæ иумæ, ныгуылæйнаг партнертæ банысан кæнынц, цæмæй гом сты æмкуысткæнынадæн æмæ æнæфæцудгæйæ баззайынц Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадыл йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты мидæг.

«Мах фидарæй лæууæм гуырдзиаг адæмимæ æмæ сæ тырнындзинадимæ демокративон, стабилон æмæ европон фидæны тыххæй» -ис фыст документы.